Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 6:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ бакӕндзӕн, дӕ фыдӕлтӕн, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн, кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы зӕхмӕ,– уый сын расомы кодта, дӕуӕн ӕй кӕй ратдзӕн+. Уыцы зӕххыл уыдзӕн, ды кӕй нӕ сарӕзтай, ахӕм стыр ӕмӕ рӕсугъд горӕттӕ+,

  • Йесо Навин 11:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Афтӕ Йесо байста уыцы зӕхх иууылдӕр, Йегъовӕ Моисейӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ+, ӕмӕ йӕ Израилӕн бынӕн радта – хай дзы бакодта алы мыггагӕн дӕр+. Ӕмӕ зӕхх хӕстӕй сулӕфыд+.

  • Йесо Навин 21:43
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 43 Афтӕ Йегъовӕ Израилӕн радта, сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕххы тыххӕй расомы кодта, ратдзынӕн уын ӕй+, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх иууылдӕр, ӕмӕ йӕ бацахстой+ ӕмӕ йыл ӕрцардысты.

  • Нееми 9:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Паддзахӕдтӕ+ ӕмӕ сын адӕмты радтай ӕмӕ сыл сӕ зӕххытӕ байуӕрстай+. Гъемӕ Есевоны+ паддзах Сигоны+ зӕххытӕ ӕмӕ Васаны+ паддзах Огы+ зӕххытӕ бацахстой.

  • Псалом 78:55
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 55 Уыдоны тыххӕй иннӕ адӕмты иу иннӕйы фӕдыл фӕсырдта+.

      Барӕн бӕндӕнӕй баргӕйӕ сыл адих кодта зӕхх+,

      Ӕмӕ Израилы мыггӕгты сӕхи хӕдзӕртты ӕрцӕрын кодта+.

  • Псалом 135:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Ӕмӕ сын сӕ зӕхх бынӕн радта йӕ адӕмӕн+,

      Бынӕн ӕй радта Израилӕн+.

  • Хъуыддӕгтӕ 7:45
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 45 Фӕстӕдӕр нӕ фыдӕлтӕн сӕ байзӕддӕгтӕ уыцы цатыр Навины фырт Йесоимӕ+ бахастой, Хуыцау нын нӕ фыдӕлты разӕй+ цы адӕмты+ фӕсырдта, уыдоны зӕхмӕ. Ӕмӕ уым лӕууыди Давиды заманты онг.

  • Хъуыддӕгтӕ 13:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Ханааны бӕстӕйы авд адӕмыхатты куы ныццагъта, уӕд сын уыцы зӕхх хӕлттӕм гӕсгӕ байуӕрста+.

Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын