Майрӕмбон, 23 октябрь
Фӕтӕригъӕд [сын] кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау (Мар. 6:34).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ды Йегъовӕйы уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды иннӕтӕн лӕггад кӕнын. Уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ дӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ райсын фӕнда? Ахъуыды кӕн, хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнын цы циндзинад хӕссы, ууыл. Йесо загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35). Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр афтӕ цард. Иннӕтӕн кӕй лӕггад кодта, уый йын стыр циндзинад хаста. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Фыст ис Марчы 6:31–34 стихты. Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ бафӕлладысты, ӕмӕ хибар ранмӕ фӕцӕйцыдысты, цӕмӕй иу гыццыл баулӕфыдаиккой. Фӕлӕ адӕм уый базыдтой, ӕмӕ сӕ разӕй уым балӕууыдысты. Фӕндыд сӕ, цӕмӕй сын Йесо истытӕ бацамыдтаид. Йесойӕн йӕ бон уыд адӕмы фӕстӕмӕ арвитын. Йӕ апостолтимӕ йӕ «къӕбӕр бахӕрынмӕ дӕр не ’вдӕлд». Кӕнӕ та сын йӕ бон уыд гыццыл цыдӕртӕ радзурын ӕмӕ сӕ стӕй арвитын. Фӕлӕ адӕмы бирӕ кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ сын «райдыдта... цыдӕртӕ амонын». Ӕмӕ сӕ суанг изӕрмӕ ахуыр кодта (Мар. 6:35). w24.11 16 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 24 октябрь
Уӕ фыдӕбоны тыххӕй [уын] уыдзӕн хӕрзиуӕг (2 Аз. 15:7).
Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллонӕн дзурут, цӕмӕй-иу йӕхӕдӕг райдайа иннӕтимӕ Библийыл ныхас кӕнын (Ром. 10:10). Ӕрхӕсс ын ахӕм цӕвиттон. Адӕймаг музыкалон инструментыл цӕгъдын куы фӕахуыр кӕны, уӕд уал хуымӕтӕг мелодитӕй райдайы. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ сахуыр вӕййы зындӕр мелодитӕ цӕгъдын. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, иннӕтимӕ Библийыл ныхас кӕнын куыд ахуыр кӕнӕм, уымӕй дӕр. Фыццаг уал ӕрыгон чырыстонӕн йӕ бон у йӕ ныхас бынтон хуымӕтӕгӕй райдайын. Зӕгъӕм, йӕ бон у йӕ къласаджы бафӕрсын: «Зыдтай йӕ, инженертӕ арӕх цыдӕртӕ кӕй саразынц, ӕрдзы цы фенынц, уымӕ гӕсгӕ? Ныртӕккӕ дын иу видеоролик равдисдзынӕн». Ӕмӕ йын равдисӕд искӕцы ролик рубрикӕйӕ «Случайность или замысел?». Уый фӕстӕ та йӕ бон у зӕгъын: «Адӕм кад кӕнынц ахуыргӕндтӕн, ӕрдзы цы ис, уыдӕттӕ кӕй скъопи кӕнынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд, ӕрдзы цы уынӕм, уый тыххӕй та кад кӕнын кӕмӕн хъӕуы?» Ӕмӕ, гӕнӕн ис, йӕ къласаджы бафӕнда Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын. w24.12 19 ф., 17, 18 абз.
Хуыцаубон, 25 октябрь
Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт (Ром. 5:12).
Йегъовӕ сфӕнд кодта адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Фырты рарвыста, цӕмӕй адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн куыд ис, цӕмӕй иу адӕймаджы мӕлӕты фӕрцы милуантӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзой? Апостол Павел уый афтӕ бамбарын кодта: «Иу адӕймаг [Адам] ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый аххосӕй бирӕтӕ тӕригъӕдджынтӕ куыд систы, афтӕ, иу адӕймаг [Йесо] коммӕгӕс кӕй уыди, уый фӕрцы бирӕтӕ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ» (Ром. 5:19; 1 Тим. 2:6). Ӕндӕр ныхасӕй, иу ӕгоммӕгӕс ӕххӕст адӕймаджы аххосӕй систӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ. Уымӕ гӕсгӕ хъуыди иу коммӕгӕс ӕххӕст адӕймаг, цӕмӕй уыцы цагъарадӕй фервӕзтаиккам. Цымӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ уыди, Адамы байзӕддӕгтӕй коммӕгӕс чи разындаид, уыдонӕн ӕнӕуи бар раттын, цӕмӕй ӕнустӕм цардаиккой? Мах, ӕнӕххӕст адӕм, чи зоны, хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ афтӕ бакӕнын ӕппӕты хуыздӕр уыдаид. Фӕлӕ Йегъовӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй. Ӕмӕ Адамы тӕригъӕд куы ницӕмӕ ӕрдардтаид, уӕд афтӕ рауадаид, ӕмӕ Адам стыр тӕригъӕд нӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тӕригъӕдджын не сты. w25.01 20, 21 фф., 3, 4 абз.