Зарӕг, горӕтмӕ цӕугӕйӕ. Давиды псалом.
124 «Йегъовӕ немӕ куы нӕ уыдаид+,–
Зӕгъӕд Израил+,–
2 Адӕм нӕ ныхмӕ куы рацыдысты+,
Уӕд Йегъовӕ немӕ куы нӕ уыдаид+,
3 Уӕд нӕ удӕгасӕй аныхъуырдтаиккой+,
Мӕстӕй нӕм куы сыгъдысты, уӕд+.
4 Дӕттӕ нӕ фӕластаиккой+,
Нӕ уд фӕуыдаид гуылфгӕнгӕ доны бын+.
5 Нӕ уд хъал дӕттӕн
Сӕ быны фӕуыдаид+.
6 Табу Йегъовӕйӕн,
Уый нӕ нӕ бауагъта+ сӕ дӕндӕгтӕм бахауын+.
7 Нӕ уд у, цъиуахсӕджы къӕппӕгӕй+ чи аирвӕзт,
Уыцы цъиуы хуызӕн+.
Къӕппӕг ныппырх+,
Ӕмӕ мах аирвӕзтыстӕм+.
8 Не ’ххуысгӕнӕг у Йегъовӕйы ном+,
Арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕджы ном»+.