-
Скадджын кӕнут Паддзах Йесо Чырыстийы!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 15 февраль
-
-
ПАДДЗАХ РАЦЫД «ӔЦӔГДЗИНАДЫ... НОМЫЛ»
11. Чырысти «ӕцӕгдзинады... номыл» кӕй рацыд, уый цӕуыл дзурӕг у?
11 Бакӕс Псалом 45:4. Паддзахӕн йӕ тох уый номыл нӕу, цӕмӕй зӕххытӕ бацахса ӕмӕ адӕмы йӕ дӕлбар бакӕна. Уый тох кӕны «ӕцӕгдзинад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады номыл». Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис уый бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа, ӕмӕ Чырысти сӕйраджыдӕр уыцы «ӕцӕгдзинады... номыл» тох кӕны. Хуыцауӕн ахӕм бар кӕй ис, уый Хӕйрӕг сдзырддаг кодта, йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы «ӕцӕгдзинад» дзырддаг кӕнынц дӕлимонтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр. Фӕлӕ ныр ӕрцыд уыцы рӕстӕг, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕвӕрд Паддзах сбӕлвырд кӕна, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй ис уый бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа.
12. Паддзах «сӕрныллӕгдзинады... номыл» кӕй рацыд, уый цӕуыл у?
12 Паддзах ма рацыд «сӕрныллӕгдзинады... номыл» дӕр. Чырысти йӕхӕдӕг дӕр у сӕрныллӕг ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ Фыды коммӕ кӕсы (Ис. 50:4, 5; Иоан. 5:19). Ӕмӕ йӕхи йӕ дӕлбар чи бакодта, уыдон дӕр ӕй хъуамӕ фӕзмой ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйӕн коммӕгӕс уой. Хуыцау цы ног дуне скӕндзӕн, уым ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕмӕн уыдзӕн цӕрыны бар (Зах. 14:16, 17).
13. Цӕуыл дзурӕг у, Чырысти «рӕстдзинады номыл» кӕй рацыд, уый?
13 Чырысти ма ноджыдӕр рацыд «рӕстдзинады номыл». Уыцы рӕстдзинад у Хуыцауы рӕстдзинад, ома, Йегъовӕ хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый (Ром. 3:21; Дык. з. 32:4). Пехуымпар Исай Паддзах Йесо Чырыстийы тыххӕй ныффыста: «Паддзах архайдзӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» (Ис. 32:1). Йесо йӕ хицаудзинады рӕстӕджы скӕндзӕн, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхх» (2 Пет. 3:13). Уыцы ног дунейы цӕрӕг адӕмӕй алчидӕр хъуамӕ Йегъовӕйы раст закъӕттӕ ӕххӕст кӕна (Ис. 11:1–5).
ПАДДЗАХ АРАЗЫ, «АДӔЙМАГЫЛ ТАС ЧИ ’ФТАУЫ, АХӔМ ХЪУЫДДӔГТӔ»
14. Чырыстийы рахиз къух, «адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ» сараздзӕн, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбаргӕ у? (Кӕс нывмӕ 3 фарсыл.)
14 Псаломзарӕггӕнӕг загъта, Паддзах йӕ астӕуыл хъама кӕй ӕрбабӕтдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй кӕй рацӕудзӕн (Пс. 45:3). Стӕй уыцы хъама йӕ рахиз къухмӕ райсдзӕн ӕмӕ хӕцын райдайдзӕн. Уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг мӕнӕ цы пехуымпар-ныхас загъта: «Дӕ рахиз къух равдисдзӕн, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ» (Пс. 45:4). Йесо Чырысти Армагеддоны рӕстӕг Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕнынмӕ куы рацӕуа, уӕд сараздзӕн, йе знӕгтыл тас чи бафтаудзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Чырысти Хӕйрӕджы дуне куыд фесафдзӕн, уый мах бӕлвырд нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ уыцы рӕстӕг, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ чи ницӕмӕ дара ӕмӕ йӕхи йе ’вӕрд Паддзахы дӕлбар чи нӕ бакӕна, уыдон фыртӕссӕй нырриздзысты. (Бакӕс Псалом 2:11, 12.) Йесо фӕстаг бонты кой кӕнгӕйӕ загъта: «Адӕм фыртӕссӕй ӕмӕ, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ банкъуысдзысты». Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕмӕ уӕд фендзысты Адӕймаджы Фырты мигъыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ» (Лук. 21:26, 27).
15, 16. Чырысти тохмӕ кӕй ракӕндзӕн, уыцы «ӕфсӕдты» чи уыдзӕн?
15 Паддзах «тых ӕмӕ стыр кадимӕ» Хуыцауы знӕгты фесафынмӕ куыд рацӕудзӕн, уый тыххӕй Раргомады чиныджы фыст ис: «Ӕмӕ федтон арв гомӕй, ӕмӕ мӕнӕ – урс бӕх. Бӕхыл чи бады, уый хуыйны Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, ӕмӕ тӕрхон кӕны ӕмӕ хӕцы рӕстӕй. [...] Йӕ фӕдыл цыдысты уӕларвон ӕфсӕдтӕ урс бӕхтыл. Сӕ уӕлӕ уыди урс, сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттагӕй уӕлӕдарӕс. Йӕ дзыхӕй цӕуы даргъ цыргъ хъама, цӕмӕй дзы адӕмты ныццӕгъда. Уый сӕ здахдзӕн ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы фыдӕх ӕмӕ масты сӕндуцӕны цъӕл кӕндзӕн сӕнӕфсир» (Рарг. 19:11, 14, 15).
16 Чырысти тохмӕ кӕй ракӕндзӕн, уыцы уӕларвон «ӕфсӕдты» чи уыдзӕн? Йесо йӕ хъама йӕ къухмӕ фыццаг хатт куы райста ӕмӕ Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонты уӕлӕрвтӕй куы ӕрӕппӕрста, уӕд йемӕ уыдысты «йӕ зӕдтӕ» (Рарг. 12:7–9). Уӕдӕ раст уыдзӕн зӕгъын, ӕмӕ Армагеддоны хӕсты дӕр зӕдтӕ уыдзысты Чырыстийы ӕфсады. Цымӕ ма дзы уыдонӕй уӕлдай исчи уыдзӕн? Йесо йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Уӕлахиз чи кӕны ӕмӕ, ӕз цы бафӕдзӕхстон, уыдон кӕронмӕ чи ӕххӕст кӕны, уый ӕз адӕмтӕн хицауӕй сӕвӕрдзынӕн,– мӕн мӕ Фыд куыд сӕвӕрдта, афтӕ,– ӕмӕ сӕ ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй здахдзӕн, ӕмӕ ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтау базгъӕлӕнтӕ уыдзысты» (Рарг. 2:26, 27). Уӕдӕ Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ уӕлӕрвты сӕ хӕрзиуӕг куы райсой, уӕд уыдон дӕр уыдзысты йӕ уӕларвон ӕфсады. Йесо адӕмты «ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй [куы] здаха» ӕмӕ, «адӕймаджы тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ» куы араза, уӕд 144 мины уыдзысты йӕ фарсмӕ.
-
-
Скадджын кӕнут Паддзах Йесо Чырыстийы!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 15 февраль
-
-
19. Чырысти уӕлахизмӕ куыд «атындздзӕн» ӕмӕ куыд фӕуӕлахиз уыдзӕн?
19 Чырысти Хӕйрӕджы фыддунейӕн кӕрон куы скӕна, уӕд «йӕ намысимӕ атындздзӕн уӕлахизмӕ» (Пс. 45:4). Йесо фӕуӕлахиз уыдзӕн Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтыл – дӕлдзӕхмӕ сӕ ныппардзӕн, ӕмӕ уым уыдзысты, цалынмӕ мин азы дӕргъы Паддзах уа, уӕдмӕ (Рарг. 20:2, 3). Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ мардӕй уӕлдай нӕ уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ бон никӕмӕнуал уыдзӕн зиан хӕссын. Зӕххыл цӕрӕг адӕмы ницыуал хъыгдардзӕн алы хъуыддаджы дӕр Паддзахы коммӕ кӕсын. Ӕмӕ сын уый уыдзӕн цины хос. Фӕлӕ цалынмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт суа, уӕдмӕ ма адӕм Паддзах Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонимӕ цин кӕндзысты ӕндӕр хабарыл дӕр. Уыцы хабарыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
-