Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рухсы чи цӕуы, уыдонӕн циндзинады хос
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 мартъи
    • 2 Уыдӕттӕ зӕрдыл даргӕйӕ бамбарӕн ис, Исай цы уӕззау уавӕрыл дзырдта, уый. Пехуымпар загъта: «Мӕнӕ! Тар ӕрбамбӕрздзӕн зӕхх, ӕмӕ адӕмтӕ уыдзысты саудалынджы» (Исай 60:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ам дзырд нӕ цӕуы комкоммӕ талынгыл. Исайы нӕ фӕндыд зӕгъын, иу бон хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ рухс кӕй нал дӕтдзысты, уый (Псалом 88:37, 38; 135:7—9). Исай дзырдта, адӕм Хуыцауы кӕй нӕ зондзысты ӕмӕ уый тыххӕй талынджы кӕй уыдзысты, ууыл. Фӕлӕ ахӕм талынг кӕны мӕлӕтмӕ. Бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та, нӕ бон ӕнӕ хуры рухсӕй куыд нӕу цӕрын, афтӕ нӕ бон нӕу цӕрын ӕнӕ Хуыцауы рухсӕй дӕр (Лукайы 1:79).

      3. Исайы ныхӕстӕм гӕсгӕ чырыстӕттӕ цы хъуамӕ аразой?

      3 Уый афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ банысан кӕнын хъӕуы, Исайы ныхӕстӕ кӕд рагон Иудӕйыл сӕххӕст сты, уӕддӕр ныртӕккӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц ӕгас дунейыл. О, абон дуне Хуыцауы нӕ зоны ӕмӕ уыцы хуызы ис талынджы. Ахӕм тӕссаг уавӕры стыр ахадындзинад ис Хуыцауы рухсӕн. Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хорз кӕнынц, Йесойы ныхӕстӕм кӕй хъусынц, уымӕй: «Ӕрттивӕд уӕ рухс адӕмы раз» (Матфейы 5:16). Иузӕрдион чырыстӕттӕн сӕ бон у сӕрныллӕг адӕмӕн талынджы рухс кӕнын ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕнусон цард райсынӕн баххуыс кӕнын (Иоанны 8:12).

  • Рухсы чи цӕуы, уыдонӕн циндзинады хос
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 мартъи
    • 4. Исайы пехуымпарад фыццаг хатт кӕд сӕххӕст, фӕлӕ ма суанг йӕ рӕстӕджы дӕр цы уавӕр уыд?

      4 Исайы ныхӕстӕ, тар ӕрбамбӕрздзӕн зӕхх, зӕгъгӕ, фыццаг сӕххӕст сты, Иудӕйы паддзахад заууатмӕ куы ӕрцыд, йӕ адӕм та Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд. Фӕлӕ ма суанг уый размӕ дӕр, Исайы рӕстӕджы, адӕмӕй сӕ фылдӕр Хуыцауӕй аздӕхтысты, уыдысты талынджы, ӕмӕ йӕ уый сразӕнгард кодта йе ’мбӕстӕгтӕм фӕсидынмӕ: «О, Иаковы хӕдзар, ӕрбацӕут, ӕмӕ райдайӕм цӕуын Иегъовӕйы рухсы!» (Исай 2:5; 5:20).

Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын