-
«Хуыцау у нӕ Хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
Апостолтау мах дӕр хъусын кӕнӕм «хӕдзарӕй-хӕдзармӕ»
16. а) Апостолты бӕстон хъусын кӕнын кӕй фӕндыд, уый куыд равдыстой? б) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ мах дӕр, апостолтӕ куыд хъусын кодтой, афтӕ кӕй хъусын кӕнӕм?
16 Апостолтӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ сӕфтой – ӕвӕстиатӕй та бавнӕлдтой хъусын кӕнынмӕ. Уыдон «алы бон дӕр кувӕндоны ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ» ныфсджынӕй «хъусын кодтой Чырыстийы тыххӕй... хорз хабар»d (Хъуыд. 5:42). Уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджыты фӕндыд бӕстон хъусын кӕнын. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо Чырысти сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ адӕммӕ хӕдзӕрттӕм кӕй цыдысты ӕмӕ сын хорз хабар кӕй хъусын кодтой (Матф. 10:7, 11–14). Уый фӕрцы сын бантыст Иерусалим сӕ ахуырадӕй байдзаг кӕнын. Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дӕр зонынц, апостолтау хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй. Нӕ участокы алы хӕдзармӕ дӕр кӕй бахойӕм, уымӕй ӕвдисӕм, мах дӕр кӕй фӕнды бӕстон хъусын кӕнын ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр уый фадат раттын, цӕмӕй хорз хабар фехъуса. Цымӕ, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕн Йегъовӕ арфӕ кӕны? Куыннӕ ма! Ацы фӕстаг бонты хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстой милуантӕ, ӕмӕ йӕ бирӕтӕ фыццаг хатт фехъуыстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕм хӕдзармӕ куы ’рбацыдысты, уӕд.
-