Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 | Дӕ маст макӕмӕй ис
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2022 | № 1
    • Библийы уагӕвӕрд:

      «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут [...] Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат. ...Уӕ маст макӕмӕй исут. ...Уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“» (РОМӔГТӔМ 12:17–19).

      Уый цӕуыл дзурӕг у?

      Адӕймагӕн исчи ӕвзӕрӕй исты куы ракӕны, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рамӕсты вӕййы. Фӕлӕ Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ маст искӕмӕй исӕм. Фӕнды йӕ, цӕмӕй алцыдӕр йӕ бар бакӕнӕм. Уый хъуыддӕгтӕ иууылдӕр тагъд сраст кӕндзӕн (Псалом 37:7, 10).

  • 2 | Дӕ маст макӕмӕй ис
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2022 | № 1
    • Адрианыл 16 азы куы цыд, уӕд райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Уый загъта: «Библи цас фылдӕр ахуыр кодтон, уыйас хуыздӕр ӕмбӕрстон, мӕ удыхъӕд мӕ аивын кӕй хъӕуы». Хъуыди йӕ бацархайын, цӕмӕй йе сӕфт макӕмӕйуал уыдтаид ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ мауал кодтаид. Уӕлдай тынг ын баххуыс кодтой Ромӕгтӕм 12:17–19 стихты фыст ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «уӕ маст макӕмӕй исут». Адриан загъта: «Бамбӕрстон, алцыдӕр Йегъовӕйы къухмӕ раттын кӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ уый хуыздӕр зоны, растдӕр куыд у бакӕнын ӕмӕ уый кӕд бакӕнын хъӕуы. Гыццылгай-гыццылгай мӕ раздӕры митӕ ныууагътон».

      Иу изӕр Адриан хӕдзармӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд ыл цалдӕр лӕппуйы амбырд сты. Уыдон уыдысты, кӕддӕр йӕ ныхмӕ чи цыд, уыцы бандӕйӕ. Сӕ хистӕр ын йӕ фӕсонтӕ ныццавта, фӕндыди йӕ хыл ракъахын. Адриан загъта, йӕхи тыххӕй кӕй урӕдта, фӕлӕ Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ уырдыгӕй ацыд.

      Адриан ма радзырдта: «Иннӕ бон уыцы бандӕйы хистӕрыл амбӕлдтӕн. Мӕ маст райсын мӕ бӕргӕ фӕндыд, фӕлӕ та ногӕй мӕхинымӕр Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕхиуыл фӕхӕцыдаин. Ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй мӕм комкоммӕ ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: „Дысоны тыххӕй мын бахатыр кӕн. Раст зӕгъгӕйӕ, мӕн дӕр фӕндид, дӕу хуызӕн куы уаин. Мӕн дӕр фӕнды Библи ахуыр кӕнын“. Куыд ӕхсызгон мын уыди, уӕд мӕхиуыл кӕй фӕхӕцыдтӕн! Уый фӕрцы уый дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта».

Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын