-
Чырысти кӕй райгас, уый нын дӕтты ӕнустӕм цӕрыны ныфс!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 1 мартъи
-
-
ЧЫРЫСТИ кӕй райгас, уымӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, уый рагон хабар у ӕмӕ махмӕ ӕппындӕр ницы бар дары. Стыр нысаниуӕг ын кӕй ис, уый бӕрӕг у апостол Павелы ныхӕстӕй: «Чырысти ӕцӕгдӕр райгас – чи амард, уыдонӕй уый райгас фыццаг [«уыдонӕй фыццаг тыллӕг», фиппаинаг]. Мӕлӕт адӕймаджы аххосӕй куыд фӕзынд, афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы фӕрцы ӕгас кӕнынц. Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты» (1 Коринфӕгтӕм 15:20–22).
-
-
Чырысти кӕй райгас, уый нын дӕтты ӕнустӕм цӕрыны ныфс!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 1 мартъи
-
-
Павел дарддӕр цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй бӕрӕг у, Чырысти кӕй райгас, уый фӕрцы гӕнӕн цӕмӕн ис, уый. Павел загъта: «Мӕлӕт адӕймаджы аххосӕй куыд фӕзынд, афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы фӕрцы ӕгас кӕнынц». Адамӕй нӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад кӕй рахастам, уый тыххӕй адӕм иууылдӕр мӕлынц. Фӕлӕ Чырысти йе ’ххӕст цард мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, уый адӕмӕн фадат дӕтты, цӕмӕй райгасдзинады фӕрцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй ссӕрибар уой. Ацы хъуыды апостол Павел хорз бахахх кодта Ромӕгтӕм 6:23 стихы: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй, Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы».
-