Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Уӕлӕрвтӕм чи ацӕуы?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    • Уӕларвон цардмӕ цал адӕймаджы райгас уыдзӕн?

      Библийы фыст ис, уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзӕн 144 000 адӕймаджы (Раргомад 7:4). Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, «Сионы хохыл [кӕй] лӕууы Уӕрыкк, йемӕ та – сӕдӕ цыппор цыппар мины» (Раргомад 14:1–3). Ацы цӕстылуайӕны «Уӕрыкк» амоны, чи райгас, уыцы Йесо Чырыстимӕ (Иоанны 1:29; 1 Петры 1:19). «Сионы хох» та амоны, Йесо ӕмӕ, йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 цы бӕрзонд бынат ахсынц, уымӕ (Псалом 2:6; Дзуттӕгтӕм 12:22).

      Чырыстиимӕ Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы «ӕвзӕрстыты ӕмӕ иузӕрдионты» Библи хоны «гыццыл дзуг» (Раргомад 17:14; Лукайы 12:32). Уымӕй бӕрӕг у, Йесойы фысты иумӕ куы райсӕм, уӕд уыдонимӕ абаргӕйӕ афтӕ бирӕ кӕй нӕ уыдзысты (Иоанны 10:16).

  • Уӕлӕрвтӕм чи ацӕуы?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    • Рӕдыд хъуыды. Раргомады цы нымӕц ис, 144 000, уый комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы.

      Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Раргомады цы нымӕцтӕ ис, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ комкоммӕ ӕмбарын хъӕуы. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, «Уӕрыччы дыууадӕс апостолы дыууадӕс номы», зӕгъгӕ (Раргомад 21:14). Кӕцӕй йӕ зонӕм, нымӕц 144 000 комкоммӕ ӕмбарын кӕй хъӕуы, уый?

      Раргомады 7:4 стихы фыст ис: «Мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ӕрцыди [ома, уӕлӕрвты цӕрынӕн ӕвзӕрст чи ’рцыд], уыдоны нымӕц – сӕдӕ цыппор цыппар мины». Дарддӕр та дзы дзырд цӕуы ӕндӕр къордыл – «тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди». Уыцы «тынг бирӕ адӕмы» дӕр Хуыцау фервӕзын кӕндзӕн (Раргомад 7:9, 10). Уӕдӕ нымӕц 144 000 комкоммӕ ӕмбарын куы нӕ хъӕуид, фӕлӕ, чи аирвӕздзӕн, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ куы амонид, уӕд ма ӕндӕр адӕмы къорды кой кӕнын цӕмӕн хъуыдаид?a

      Уымӕй уӕлдай ма Библийы 144 000 тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «адӕмӕй фыццаг [комкоммӕ «фыццаг тыллӕгӕн», фиппаинаг] уыдон ӕрцыдысты ӕлхӕд» (Раргомад 14:4). Дзырдбаст «фыццаг тыллӕг» амоны ӕвзӕрстыты гыццыл къордмӕ. Уыцы гыццыл къорд сты, уӕлӕрвтӕй зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн разамынд чи дӕтдзӕн, уыдон (Раргомад 5:10).

      a  Раргомады 7:4 стихы цы нымӕц ис, ома 144 000, уый тыххӕй библииртасӕг Роберт Томас загъта: «Бӕлвырд нымӕц ныхмӕвӕрд цӕуы, 7:9 стихы цы ӕбӕлвырд нымӕц ис, уыимӕ. Кӕд ацы нымӕц комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, уӕд ацы чиныджы иу нымӕц дӕр комкоммӕ ӕмбарӕн нӕй» («Revelation 1-7: An Exegetical Commentary», 474 фарс).

Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын