-
«Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 июль
-
-
16, 17. Уӕрыччы чындзӕхсӕвы размӕ цы хъуамӕ ӕрцӕуа?
16 144 000 сӕрст чырыстоны уӕлӕрвты куы уой, уӕд бавналӕн уыдзӕн, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ ма бацӕттӕ кӕнын цы хъӕудзӕн, уыдӕттӕм (Рарг. 19:9). Фӕлӕ ма уыцы цины хабары размӕ иу цыдӕр хъуамӕ ӕрцӕуа. Куыд зонӕм, афтӕмӕй, сӕрст чырыстӕттӕй ма чидӕртӕ зӕххыл куы уой, уӕд Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕудзӕн (Йез. 38:16). Цымӕ Хуыцауы адӕм уыцы рӕстӕг сӕхи куыд дардзысты? Уыдон архайдзысты ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Ацы хатт сымах нӕ хъӕудзӕн хӕцын. Сымах уӕ бынӕтты слӕуут, ӕнцад лӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ... Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут» (2 Аз. 20:17). Фӕлӕ уӕлӕрвты уыцы хабармӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй ракӕсдзысты. Раргомады 17:14 стихы фыст ис, сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр уӕлӕрвты куы уой, уыцы рӕстӕг Хуыцауы адӕмы знӕгтыл цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй: «Стох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, фӕлӕ сыл Уӕрыкк фӕуӕлахиз уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах. Йемӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, хуынд чи у, уыдон, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ иузӕрдионтӕ». Афтӕмӕй Йесо ӕмӕ ма йемӕ уӕлӕрвты цы 144 000 сӕрст паддзахы уыдзӕн, уыдон иумӕ Хуыцауы зӕххон лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕндзысты.
17 Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн Армагеддоны, Йегъовӕйы сыгъдӕг ном кӕй фӕрцы скадджын уыдзӕн, уыцы хӕсты (Рарг. 16:16). Сӕгътыл нымад чи ’рцӕуа, уыдон иууылдӕр сӕ мӕлӕт ссардзысты, ӕмӕ зӕххыл фыддзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. «Тынг бирӕ адӕм» та Армагеддоны хӕсты фервӕздзысты. Ӕппынфӕстаг ӕрцӕудзӕн, Раргомады чиныджы кӕрон цы диссаджы хабары кой цӕуы, уый – Уӕрыччы чындзӕхсӕв! (Рарг. 21:1–4)d. Зӕххы цӕрджытӕй Армагеддоны чидӕриддӕр фервӕза, уыдон Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты ӕмӕ йын йе стыр уарзт сӕхиуыл бавзардзысты. Уыцы рӕстӕгмӕ куыд тынг бӕллӕм, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй! Ӕмӕ нын Уӕрыччы чындзӕхсӕв цӕй стыр бӕрӕгбон уыдзӕн! (Бакӕс 2 Петры 3:13.)
-
-
«Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 июль
-
-
d 45-ӕм псаломӕй базонӕн ис, хабӕрттӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цӕудзысты, уый тыххӕй. Фыццаг уал Паддзах хӕсты стох кӕндзӕн, ӕмӕ йын уый фӕстӕ та уыдзӕн чындзӕхсӕв.
-